settings icon
share icon
Фарст

цы нысан кёны райсай Чырысти, куыд сёрмагонд Ирвёзынгёнёг?

Дзуапп


искуы райстай Йесо Чырысти, куыд сёрмагонд Ирвёзынгёнёг? Цалынмё уын дзуапп радтон, бар мын радтут ёмё уын бамбарын кёнон ацы фарстёйы. Ацы фарст цёмёй раст бамбарат, уый тыххёй нырма хъуамё ахъуыды кёнат дзырдтыл “Йесо Чырысти”, “Сёрмагонд” ёмё “Ирвёзынгёнёг”.

Чи у Йесо Чырысти? Бирё адёймёгтё Йесо Чырыстийы хонынц куыд хорз адёймаг, хорз ахуыргёнёг, кёнё та Хуыцауы пехуымпар. Ацы ёмбарынад Йесойы тыххёй ёцёгдзинад у. Фёлё уыдон невдисынц уый реалон мидисы. Библи нын дзуры, зёгъгё дам Йесо у буарёй конд Хуыцау, Хуыцау сси адёймаг (кёс Иоанн 1:1,14). Хуыцау ёрцыд ацы бёстём, цёмёй нё сахуыр кёна, сдзёбёх нё кёна, раст фёндагыл нё бафтауа, ныббара нын – ёмё мах сёраппондён амёла! Йесо Чырысти Хуыцау у, сфёлдисёг, нё иууыл уёлдёр ёлдариуёггёнёг.

Райстат Йесо? Цы у Ирвёзынгёнёг ёмё нё цёмён хъёуы Ирвёзынгёнёг? Библи нын зёгъы, цёмёй махёй алчидёр тёригъёд ракодта, махёй алчидёр фыдбылыз хъуыддёгтё кёны (Ромёгтём 3:10-18). Нё тёригъёды фёстиуёгён, мах аккаг стём Хуыцауы мёсты ёмё ёфхёрды. Иунёг иу ёмбёлон ёфхёрд Хуыцауы раз ёдзухёй арёзт тёригъёдтён ис ёгёрон ёфхёрд (Ромёгтём 6:23; Ёргомад 20:11-15). Тёккёдёр нё уый тыххёй хъёуы Ирвёзынгёнёг!

Йесо Чырысти ёрцыди зёххмё ёмё уым амард. Йесойы мёлёт, куыд Хуыцауы буарон уёвынад, нё тёригъёдтён ёгёрон фиддон уыд (Коринфёгтём (дыккаг) 5:21). Фёлё нё Хуыцау кёй уарзы, уый равдыста, тёригъёдджынтё ма куы уыдыстём, уёд Йесо мах сёраппонд кёй амард, уымёй (Ромёгтём 5:8). Йесо айста йёхимё мах тёригъёдтё, цёмёй сын мах ма дёттём дзуапп. Йесойы мёрдтёй райгас та бёлвырд кёны уый, ёмё уымён йё мёлёт кёй разынд фаг нё тёригъёдтён мыггагмё. Растдёр уый тыххёй у Йесо иунёг-иу Ирвёзынгёнёг (Иоанн 14:6; Сыгъдёг апостолты хъуыддёгтё 4:12)!

Уырны дё Йесо, куыд дё Ирвёзынгёнёг? Йесо дё “Сёрмагонд” Ирвёзынгёнёг у? Бирё адёймагмё афтё зыны, цёмёй чырыстон нысан кёны аргъуанмё цёуын, ауадзай ритуалтё, ма кёнай конкретон тёригъёдтё. Уый чырыстон нё нысан кёны. Ёцёг чырыстонён ис бастдзинад Йесо Чырыстиимё. Йесойы айсын, куыд дё сёрмагонд Ирвёзынгёнёг, нысан кёны, цёмёй ды ууыл ёууёндыс ёмё дё уырны Уый.

Уымён ёмё Хуыцау афтё бауарзта дуне, ёмё радта Йё Иунёг Фырты, цёмёй Йыл чидёриддёр ёууёнды, уый ма фесёфа, фёлё йын уа мыггагмёйы цард (Иоанн 3:16). У Йесо дё сёрмагонд Ирвёзынгёнёг?

Кёд дё фёнды айсай Йесо Чырысти, куыд дё сёрмагонд Ирвёзынгёнёг, зёгъ Хуыцауы тыххёй ахём ныхёстё. Бахъуыды йё кён ёмё, иу кёнё иннё куывд зёгъын дёуён нё баххуыс кёндзён. Ёрмёст Чырыстийы уырнындзинад бахиздзён дёу тёригъёдёй.

Ацы куывд та ёрмёстдёр фёрёз дётты, цёмёй равдисём не ‘ууёнкдзинад Хуыцаумё ёмё йын бузныг зёгъём нё фервёзын кёныны тыххёй. “Хуыцау, зонын ёй, ёмё тёригъёдджын дён дё разы ёмё мём кёй ёмбёлы ёфхёрд. Фёлё Йесо Чырысти айста ацы ёфхёрд ёмё уымё мё уырнындзинадимё мёнён хатыргонд цёуы. Бузныг дё хорздзинады ёмё хатырдзинады тыххёй – мыггагмёйы царды лёвары тыххёй! ОММЕН!”

Райстай ёви нё уынаффё Йесойы пайдайён ам цы бакастё уымё гёсгё? Кёд ёмё уый афтё у, уёд дё курёг дён ёркъёпп кён дёлдёр лёвёрд кънопкёйыл “Ёз абон Йесойы уырнынад райстон”.

English



Раздёхын гуырдзиаг ёвзаджы райдайён фарсыл

цы нысан кёны райсай Чырысти, куыд сёрмагонд Ирвёзынгёнёг?
© Copyright Got Questions Ministries