settings icon
share icon
Фарст

Чи у Йесо Чырысти?

Дзуапп


чи у Йесо Чырысти? Ацы фарсты ныхмё, “Ис ёви нё Хуыцау?”, хёрз цъус адёймаг бафарста ис ёви нё Йесо Чырысти. Ёхсёнады зындгонд у, цёмёй ёцёгёйдёр уыди Йесо, кёцы рацу-бацу кодта зёххы цъарыл, Израилы 2000 азы размё. Быцёу кёнынц уёд, Йесойы тыххёй ныхас куы цёуы. Зёгъён ис ёмё нё алы уёрёхёй ахёлиугонд дин ахуыр кёны, цёмёй Йесо уыди Пехуымпар, кёнё хорз Ахуыргёнёг, кёнё Хуыцауы Лёг. Проблемё уый мидёг ис, ёмё нын Библи дзуры, цёмёй Йесо Пехуымпарёй, Ахуыргёнёгёй дёр кёнё Хуыцауы Лёгёй дёр бирё уёлдёр уыд.

С. Е. Льюис йё чиныджы “чырыстондзинад хуымётёгёй” афтё фыссы: “Амёй ёз архайын, цёмёй адёймёгтё ма зёгъой исты мёнгдзинад Уый (Йесо Чырыстийы) тыххёй: “Ёз цёттё дён райсон Йесойы уырнындзинад, куыд иууыл уёлдёр моралон Ахуыргёнёг, фёлё ёз нё исын уый, куыд Хуыцауы.” Ай мах ма хъуамё зёгъём. Адёймаг, кёцы хёрз чысылдёрёй у адёймаг, ёмё дзуры исты ахём, кёцы дзырдта Йесо, нёй гёнён ёмё уа иууыл уёлдёр моралон Ахуыргёнёг. Уый кёнё ёрра у – уыцы адёймаджы нгёсёй, кёцы ёнхъёл у, цёмёй уый фых айк у – кёнё зындоны хёйрёг у. Сымах хъуамё сёвзарат. Ацы адёймаг кёнё уыд ёмё у Хуыцауы Фырт, кёнё у ёрра ёмё ноджы фыддёр исты... уё бон у ёмё йё ёррайыл банымайат, уё бон у ёмё йыл бату кёнат ёмё йё хёйрёгау ныммарат. Кёнё-та йё къёхты размё ёрхауын ёмё йё схонын Хуыцау. Фёлё цёй ёмё ныууадзём ёнёхъуаджы ныхёстё, цыма уый иууыл стырдёр ахуыргёнёг уыд. Уый ай махён нё бамбарын кодта ёмё нёдёр йё хъуыдыйы уыд йё саразын”.

Уёдё, чи у Йесо? Цы нын зёгъы Библи, чи уыд Уый? Сёрёй, цёй ёмё бафёрсём Йесойы ныхёстё: Иоанн 10:30: “Ёз ёмё Мё Фыд иу стём”. Иу бакастёй, ай нёу куырдиаты хуызён ёрвон ёрдзыхъёдыл. Фёлё ма лёмбынёг ёркёсут ацы куырдиатыл дзуттёгты реакцимё: “Дзуттёгтё йын дзуапп радтой: хорз хъуыддёгты тыххёй Дё нё хъавём дуртёй амарынмё, фёлё Ды, адёймаг, Дёхицёй Хуыцау кёй аразыс ёмё уымёй Хуыцауы кёй фауыс” (Иоанн 10:30). Дзуттёгтё Йесойы ныхас айстой афтё, цыма уый йёхи хуыдта Хуыцау. Иннё рёнхъыты Йесо нё раст кёны дзуттёгты ныхёсты “ Ёз афтё нё зёгъын, цымёй ёз Хуыцау дён”. Ай уымё амоны, ёмё Йесо ёцёгёйдёр кёй дзырдта, цёмёй уый Хуыцау у: “Ёз ёмё Мё Фыд иу стём” (Иоанн 10:30). Иоанн 8:58-ы ноджы иу цёвиттон ис. Йесо сын загъта: “Рёстдзинад уын зёгъдзынён, Йесо дзуапп дётты, Авраамы райгуырдмё дёр Ёз Дён!” Ёмё та фёстёмё, дзуаппён, дзуттёгтё дуртё систой, куыд Ыл сё ныццёвой афтё (Иоанн 8:59). Йесо нын зёгъы “Ёз дён” ёмё ай комкоммё куырдиат у зёронд фёдзёхстмё (кёрон 3:4). Цёмён сё фёндыд дзуттёгты Йесойы дурты бын фёкёнын, кёд ёмё уый ницы загъта ахёмёй, сёрмагондёй та, Уый нё загъта, ёмё уый Хуыцау у.

Иоанн 1:1 зёгъы, цёмёй “... ёмё Дзырд уыди Хуыцаумё, ёмё Дзырд уыди Хуыцау”. Иоанн 1:14 зёгъы, цёмёй “Дзырд сси Адёймаг ёмё ёрцарди не ‘хсён, уыди хорзёхы ёмё ёцёгады суадон. Ёмё мах федтам Йё намыс – Фыды иунёг Фырты намыс”. Ай та ёргомёй амоны ууыл, цёмёй Йесо у баурёй конд Хуыцау. Фома йын дзуапп радта: “Мё Хицау ёмё Мё Хуыцау!” (Иоанн 20:28). Йесо уый не сраст кодта. Апостол Тит фыссы афтё: “Уыцы хорзёхы руаджы мах зёрдёдарайгёйё ёнхъёлмё кёсём, не стыр Хуыцау ёмё Ирвёзынгёнёг Йесо Чырыстийы намыс кёд раргом уыдзён, уыцы тёхудиаджы бонмё” (Титмё 2:13). Апостол Петр дёр афтё зёгъы: “ ... Йесо Чырыстийы цагъар ёмё апостолёй, - нё Хуыцау ёмё Ирвёзынгёнёг Йесо Чырыстийы рёстады руаджы нё зынаргъ уырнындзинадёй чи схайджын, уыдонмё”. (Сыгъ. Апостол Петры (дыккаг) 1:1). Уёларвон Фыд дёр ёвдисён у Йесойы удгоймагдзинады тыххёй: “Фёлё Уый зёгъы: Мёнё уын мё фёдзёхст, ёз уё куыд бауарзтон, афтё уарзут кёрёдзийы ёнусёй ёнусмё”. Зёронд Фёдзёхсты Чырыстийы пехуымпартё дзурынц Уый Уёларвондзинадыл.

Куыддёриддёр С.Е. Льюис загъта уымё гёсгё, Йесойы фёдзёхст, куыд хорз ахуыргёнёджы, нёу раст позици. Йесо ёргомёй равдыста, цёмёй уый Хуыцау кёй у. Уый Хуыцау куы нё уаид, уёд уый фёлитой у ёмё уымё гёсгё нёдёр пехуымпар ёмё нёдёр хорз ахуыргёнёг у. Нырыккон, (ахуыргёндтё) бёлвырд кёнынц, цёмёй Библи куыд фыссы уымё гёсгё Йесо нё загъта ацы дзырдтён сё фылдёры. Фёлё чи стём мах, цёмёй быцёу кёнём ууыл, цы загъта ёмё цы нё загъта Йесо. Куыд йё бон у “ахуыргондён”, кёцы дыууё мин азтёй у адардгонд Чырыстийё, уа йын хуыздёр бакаст кёд цы загъта ёмё цы нё загъта Йесо, уыцы адёмтимё абаргёйё, кёцытё Йесойы эпохёйы йемё иумё цардысты, лёггад ын кодтой, ёмё сё ахуыр кодта. (Иоанн 14:26).

Цёмён у Йесойы гомагдзинады фарст афтё нысаниуёгджын? Цёмён ын ис ахём нысаниуёг Йесо Хуыцау у ёви нё? Алцёмёй нысаниуёгджындёр цёмён хъуамё уа Йесо Хуыцау, у уый, ёмё уый куы нё уыдаид Хуыцау, уёд йё мёлёт нё уыдаит фаг ёппёт дунейы тёригъёдты тыххёй. Уый у Хуыцауимё фидауынгёнёг нывонд нё тёригъёдты тыххёй, ёмё ёрмёст мах тёригъёдты тыххёй нё, фёлё ёппёт дунейы тёригъёдты тыххёй дёр (1Иоанн 2:2). Фёлё нё Хуыцау кёй уарзы, уый равдыста, тёригъёдджынтё ма куы уыдыстём, уёдЧырысти мах сёраппонд кёй амард, уымёй (Ромёгтём 5:8; 2Коринфёгтём 5:21). Йесо Хуыцау хъуамё уыдаид уый тыххёй, цёмёй нё хёсы бафидын йё бон суыдаид. Йесо адёймаг хъуамё уыдаид, цёмёй амардаид. Фервёзын ёрмёстдёр Йесойы уырнындзинады ис! Йесойы уёларвондзинад у иунёг-иу фёндаг Хуыцаумё. Уёларвон Йесо нын зёгъы: “Ёз дён фёндаг, ёцёгад ёмё цард. Мё фыдмё ничи ёрцёудзён, Мё фёрцы куы не рцёуа, уёд” (Иоанн 14:6).

English



Раздёхын гуырдзиаг ёвзаджы райдайён фарсыл

Чи у Йесо Чырысти?
© Copyright Got Questions Ministries