settings icon
share icon
Фарст

Йесо Хуыцау у? Цымё йёхи Хуыцау искуы рахуыдта Йесо?

Дзуапп


Йесо никуы загъта Библийы “Ёз Хуыцау дён”. Фёлё ай уый нё нысан кёны, ёмё цёмёй Уый нёу Хуыцау. Цёвиттонён райсём Йесойы ныхёстё. Иоанн 10:30: “Ёз ёмё Мё Фыд иу стём”. Иу бакастёй, ай нёу куырдиаты хуызён ёрвон ёрдзыхъёдыл. Фёлё ма лёмбынёг ёркёсут ацы куырдиатыл дзуттёгты реакцимё: “Дзуттёгтё йын дзуапп радтой: хорз хъуыддёгты тыххёй Дё нё хъавём дуртёй амарынмё, фёлё Ды, адёймаг, Дёхицёй Хуыцау кёй аразыс ёмё уымёй Хуыцауы кёй фауыс” Иоанн 10:30. Дзуттёгтё Йесойы ныхас райстой афтё, цыма уый йёхи хуыдта Хуыцау. Иннё рёнхъыты Йесо нё раст кёны дзуттёгты ныхёсты “ Ёз афтё нё зёгъын, цёмёй ёз Хуыцау дён”. Ай уымё амоны, ёмё Йесо ёцёгёйдёр кёй дзырдта, цёмёй уый Хуыцау у: “Ёз ёмё Мё Фыд иу стём” (Иоанн 10:30). Иоанн 8:58-ы ноджы иу цёвиттон ис. Йесо сын загъта: “Рёстдзинад уын зёгъдзынён, Йесо дзуапп дётты, Авраамы райгуырдмё дёр Ёз Дён!” Ёмё та, дзуаппён, дзуттёгтё дуртё систой, куыд Ыл сё ныццёвой афтё (Иоанн 8:59). Цёмён сё фёндыд дзуттёгты Йесойы дурты бын фёкёнын, кёд ёмё уый ницы загъта ахёмёй, сёрмагондёй та, Уый нё загъта, ёмё уый Хуыцау у.

Иоанн 1:1 зёгъы, цёмёй “Райдианы уыди Дзырд, ёмё Дзырд уыди Хуыцаумё, ёмё Дзырд уыди Хуыцау”. Иоанн 1:14 нын зёгъы, цёмёй “Дзырд сси Адёймаг ёмё ёрцарди не ‘хсён, уыди хорзёхы ёмё ёцёгады суадон. Ёмё мах федтам Йё намыс – Фыды иунёг Фырты намыс”. Ай та ёргомёй амоны ууыл, цёмёй Йесо у буарёй конд Хуыцау. Сыгъдёг апостолты хъуыддёгтё 20:28 нын зёгъы: “Уёдё кёсут уёхимё ёмё ёппёт дзугмё. Уыцы дзугён уё Сыгъдёг Уд фыййёуттёй сёвёрдта – Хуыцау Йё Фырты Тугёй Йёхицён кёй балхёдта, хизут уыцы Аргъуан”. Чи самадта аргъуан сёрмагонд тугёй? Йесо Чырысти. Сыгъдёг апостолты хъуыддёгтё 20:28 нын зёгъы, цёмёй Хуыцау аргъуан сёрмагонд тугёй сфёлдыста. Уымё гёсгёйё, Йесо Хуыцау у!

Тома йын дзуапп радта: “Мё Хицау ёмё Мё Хуыцау!” (Иоанн 20:28). Йесойы уый нё бараст кодта. Титмё 2:13 нын зёгъы, уыцы хорзёхы руаджы мах зёрдёдаргёйё ёнхъёлмё кёсём, не стыр Хуыцау ёмё Ирвёзынгёнёг Йесо Чырыстийы намыс кёд раргом уыдзён, уыцы тёхудиаджы бонмё (кёсут ма афтё Петры (дыккаг) 1:1). Дзуттёгтём 1:8-ы Фыд зёгъы Йесойё: “Фырты тыххёй та афтё загъд у: Ды, Хуыцау, паддзахиуёг кёндзынё мыггагмё, Ды раст ёлдариуёг кёныс Дё Паддзахады”.

Ёргомады зёд фёдзёхсы апостол Иоанны кад кёна ёрмёст Хуыцауён (Ёргомад 19:10) Сыгъдёг фысты Йесо цалдёр хатты исы кад (Матфей 2:11; 14:33; 28:9,17: Лука 24:52; Иоанн 9:38). Уый никуы уайдзёф кёны адёмён, Йёхицён кад кёныны тыххёй. Йесо Хуыцау куы нё уыдаид, уёд уый загътаид адёймёгтён, цёмёй йын ма кад кодтаиккой, куыд уый зёд загъта ёргомады чиныгы. Сыгъдёг фысты ис иттёг бирё куплеты ёмё рёнхъ, кёцы бёлвырд кёны Йесойы ёрвон ёрдзыхъёд.

Алкёмёй нысаниуёгджын аххосаг Йесойы ёрвон ёрдзыхъёды бёлвырд кёнынён у, уый цёмёй Хуыцау ма уыдаид, Уый у Хуыцауимё фидауынгёнёг нывонд нё тёригъёдты тыххёй, ёмё ёрмёст мах тёригъёдты тыххёй нё, фёлё ёппёт дунейы тёригъдты тыххёй дёр. (Иоанн (фыццаг) 2:2). Ёрмёстдёр Хуыцауён йё бон у ёмё ныххатыр кёна афтё бирё тёригъёдтё. Ёрмёстдёр Хуыцауён йё бон у айса йёхимё дунейы тёригъёдтё (Коринфёгтём (дыккаг) 5:21), амёла ёмё мёрдтёй райгас уа – ёмё уымёй сбёлвырд кёна йё фёуёлахиз тёригъёд ёмё мёлётыл.

English



Раздёхын гуырдзиаг ёвзаджы райдайён фарсыл

Йесо Хуыцау у? Цымё йёхи Хуыцау искуы рахуыдта Йесо?
© Copyright Got Questions Ministries