settings icon
share icon
Фарст

Куыд райсон Хуыцауёй хатыр?

Дзуапп


Сыгъдёг апостолты хъуыддёгтё 13:38 нын зёгъы: “Уёдё зонут, ёфсымёртё; Йесойы фёрцы сымахён хъуыстгонд цёуы уац тёригъёдтё ныббарыны”.

Цы у ныббарын ёмё цёй тыххёй хъёуы мён уый?

Дзырд “Ныббарын” нысан кёны фиддонтё ссыгъдёг кёнын, ныххатыр кёнын, хёсты санулир кёнын. Кёд ёмё мах искёй фёхъыг кодтам, уёд мах уымёй хатыр курём уый тыххёй, ёмё цёмёй не ‘хсён бастдзинад хъахъхъёд ёрцёуа. Ныббарын лёвар нёу, уымён ёмё адёймаг аккаг у уа хатыргонд. Ничи у аккаг ныббарынён. Ныббарын уарзондзинады, хёрзаудёны ёмё хорзёхы архайд у. Ныббарын у уыцы уынаффё, кёцы нысан кёны ёндёр адёймагмё хёлардзинад, нёкёсгёйё уымё, цы нын сарёзта уый махён.

Библи нын дзуры, цёмёй махёй алкёйдёр хъёуы Хуыцауёй хатыр. Махёй алчидёр сарёзта тёригъёд. Экклезиаст 7:20 зёгъы: “Искуы лёг кёд цёры рёстадон бёстёйы зёххыл, кёцыдёриддёр сарёзта тёригъёд нё фёлё хорздзинад”. Иоанн (фыццаг) 1:8 зёгъы: “Кёд мах афтё дзурём, тёригъёд нём нёй, зёгъгё, уёд нёхи сайём ёмё ёцёгад нё зёрдёты нё цёры”. Алы тёригъёд дёр, ёмткёй сисгёйё, Хуыцауы ныхмё растад у (Псалом 50-6). Фёстиуёгён, махёй алкёйдёр хъёуы Хуыцауы хатырдзинад. Ёмё кёд махён хатыргонд не рцёудзён нё тёригъёдтё, нё мыггагмёйы царды нё тёригъёдты фёстиуёгён мах удхары арвитдзыстём (Матфей 25:46; Иоанн 3:36).

Хатыр - куыд райсон уый?

Амондён, Хуыцау уарзёгой ёмё хёлар у – уый нын хатыр кёны нё тёригъёдтё! Сыгъ. Апостол Петры (дыккаг) 3:9 нын зёгъы: “Иуёй-иутём куыд кёсы, афтё Хицау фёстиат нё кёны Йё зёрдёвёрд сёххёст кёныныл, фёлё уын бирё быхсы – фёнды Йё, иу адёймаг дёр куыд нё фесёфа, фёлё иууылдёр куыд ёрфёсмон кёной”. Хуыцауы фёнды ныххатыр нын кёна, Уый цёттё у хатырмё.

Иунёг-иу аккаг ёфхёрд нё тёригъёдтён ис мёлёт. Ромёгтём 6:23-йы фыццаг хай зёгъы: “Уымён ёмё тёригъёдён йё мызд у мёлёт, Хуыцауы лёвар та – мыггагмёйы цард нё Хицау Йесо Чырыстиимё удёнгомёй”, ёнусон мёлёт у уый, кёцы нё тёригъёдтёй ссардтам. Хуыцау, йе ххёст планмё гёсгёйё, адёймаджы хуызы фёзынди – Йесо Чырыстийы номёй (Иоанн 1:1,14) Йесо дзуарылтыгъдёй амарди ёмё уымёй йёхимё айста махён ёмбёлгё ёфхёрд – мёлёт. Коринфёгтём (дыккаг) 5:21 нё ахуыр кёны: “Тёригъёдтё Кёмё нё уыди, уый сёраппонд Хуыцау бафхёрдта тёригъёдджыны бафхёрёгау, цёмёй Йё фёрцы сраст уём Хуыцауы раз”. Йесо дзуарылтыгъдёй амарди ёмё уымёй йёхимё айста махён ёмбёлгё ёфхёрд! Йесойы мёлётёй ёппёт дунейён хатыр ёрцёудзён алы тёригъёд. Иоанн (фыццаг) 2:2 зёгъы: “Уый у Хуыцауимё фидауынгёнёг нывонд нё тёригъёдты тыххёй, ёмё ёрмёст мах тёригъёдты тыххёй нё, фёлё ёппёт дунейы тёригъёдты тыххёй дёр”. Йесо мёрдтёй райгас ёмё уымёй сбёлвырд кодта йё фёуёлахиздзинад тёригъёдыл ёмё мёлётыл (Коринфёгтём (фыццаг) 15:1-28). Кувут Хуыцауён, Йесо Чырыстийы мёлёт ёмё райгас, ромёгтём 6:23-йы дыккаг хай ёцёгад у, уымён ёмё: “... тёригъёдён йё мызд у мёлёт, Хуыцауы лёвар та – мыггагмёйы цард нё Хицау Йесо Чырыстиимё удёнгомёй”.

Фёнды дё, цёмёй дё тёригъдтё хатыр ёрцёуой? Хъыг дё дары фыдракёнды риссаг ёнкъарынад, кёцы цыма нё фётары? Алы тёригъёд дын хатыр ёрцёудзён, кёд Йесо Чырыстийы банымайдзынё куыд дё Ирвёзынгёнёг ёмё дё уырндзён Уый. Эфесёгтём 1:7 зёгъы: “Чырысти не ссёрибары аргъ бафыста Йё Тугёй, ёмё нын хатыр сты нё тёригъёдтё. Афтё равдыста Хуыцау Йё ёгёрон хорзёх”. Йесо мах тёригъёдты тыххёй ёфхёрд ёрцыд, уый тыххёй, цёмёй махён хатыр ёрцёуой. Мах ёрмёст хъуамё балёгъстё кёнём Хуыцауён Йесойы ёххуысёй нын хатыр уой ёмё нё уырна, цёмёй Йесо йёхи нывондён ёрхаста уымён ёмё махён хатыр сты. Ёмё нын Уый хатыр кёны! Иоанн 3:16-17 “Уымён ёмё Хуыцау афтё бауарзта дуне, ёмё радта Йё Иунёг Фырты, цёмёй Йыл чидёриддёр ёууёнды, уый ма фесёфа, фёлё йын уа мыггагмёйы цард. Уымён ёмё Хуыцау Йё Фырты дунейён тёрхон рахёссынмё нё рарвыста, фёлё Йё фёрцы дуне фервёзын кёнынмё”.

Ныххатыр кёнын – цымё афтё хуымётёг у?

Ойы, алцыдёр хуымётёг у! Хуыцауёй хатыр нё балхёндзынё. Дё бон у райсай йё ёрмёстдёр уырнындзинадёй, Хуыцауы хорзёхы фёрцы. Хуыцауёй хатыр райсын, у арфё, кёцыйё дё бон у ёмё кувай. Ацы куывд кёнё ёндёр куывды зёгъын дёу нё фервёзын кёндзён. Ёрмёстдёр Йесо Чырыстийы уырнындзинад ёрхёсдзён тёригъёдты ныххатыр кёнын. Кёд дё фёнды баууёндай Йесо Чырыстийыл, куыд ирвёзынгёнёг, ис ахём арфё. Ацы арфё ёрмёстдёр фёрёз дётты, цёмёй равдисём не ‘ууёнкдзинад Хуыцаумё ёмё йын бузныг зёгъём нё фервёзын кёнынён. “Хуыцау, зонын ёй, ёмё тёригъёдджын дён дё разы ёмё мём кёй ёмбёлы ‘фхёрд. Фёлё Йесо Чырысти айста ацы фхёрд ёмё уымё мё уырнындзинадимё мёнён хатыргонд цёуы. Бузныг дё хорздзинады ёмё хатырдзинады тыххёй – ёнусон царды лёвары тыххёй! ОММЕН!”

Райстай ёви нё уынаффё Йесойы пайдайён ам цы бакастё уымё гёсгё? Кёд ёмё уый афтё у, уёд дё курёг дён ёркъёпп кён дёлдёр лёвёрд кънопкёйыл “Ёз абон Йесойы уырнынад райстон”.

English



Раздёхын гуырдзиаг ёвзаджы райдайён фарсыл

Куыд райсон Хуыцауёй хатыр?
© Copyright Got Questions Ministries