settings icon
share icon
Фарст

фёнды уё Ёнусон цард?

Дзуапп


Библи ёвдисы ёнусон цардмё цёугё рухс фёндаг. Фыццаджыдёр, мах хъуамё ёрфёсмон кёнём ууыл, ёмё кёй стём Хуыцауы раз тёригъёдджын: “Уымён ёмё сеппёт дёр бафтыдысты тёригъёды ёмё Хуыцауы намысёй ёнёхай сты”. (Ромёгтём 3:23).

Махёй алчидёр сарёзта Хуыцауы раз ёнёзёрдёмёдзёугё хъуыддаг, ёмё махёй алчидёр хъуамё баййафа ёфхёрд. Нё алы тёригъёдтё сты Хуыцауы ныхмё арёзт ёмё сё ёрмёстдёр ёнусон ёфхёрдёй гёнён ис ёмё бафидём. “Уымён ёмё тёригъёдён йё мызд у мёлёт, Хуыцауы лёвар та – ёнусон цард нё Хицау Йесо Чырыстиимё удёнгомёй”. (Ромёгтём 6:23).

Фёлё, Йесо Чырысти, ёнётёригъёд (Сыгъ. Апостол Петры (фыццаг) 2:22), Хуыцауы фырт (Иоанн 1:1,14) сси адёймаг ёмё амарди мах тёригъёдты бафидыны сёраппондён. “Фёлё нё Хуыцау кёй уарзы, уый равдыста, тёригъёдджынтё ма куы уыдыстём, уёд Чырысти мах сёраппонд кёй амард, уымёй”. (Ромёгтём 5:8). Йесо Чырысти дзуарылтыгъдёй амард (Иоанн19:31-42), уый йёхимё айста уыцы ёфхёрд, кёцы махмё ёмбёлди (Коринфёгтём (дыккаг) 5:21). Ёртё боны фёстё, уый мёрдтёй райгас (Коринфёгтём (фыццаг) 15:1-4) ёмё амёй сбёлвырд кодта йё уёлахиздзинад тёригъёдыл ёмё мёлётыл. “Арфёгонд уёд нё Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ёмё Фыд. Йесо Чырыстийы мёрдтёй кёй райгас кодта, уымёй нын Йе стыр хорзёхмё гёсгё радта ног цард ёмё ёнёфёцудгё зёрдёдарён” (Сыгъ. Апостол Петры фыстёг (фыццаг) 1:3).

Ёрфёсмон кёнгёйё, мах хъуамё раздёхём Чырыстимё, цёмёй нын ныббарстёуа нё тёригъёдтё (Сыгъ. Апостолты хъуыддёгтё 3:19). Кёд ёмё мах уырндзён уый, райсдзыстём уый дзуарылтыгъдёй ёмё мёлётёй фыст нё тёригъёдтё, махён хатыргонд уыдзён ёмё дзёнёты ёнусон цард райсдзыстём. “Уарзондзинад цы у, уый мах базыдтам, Йесо нё сёраппонд йё цард кёй радта, уымёй. Ёмё мах дёр хъуамё не ‘фсымёрты сёраппонд дёттём нё цард” (Иоанн 3:16). “Йесо Хицау кёй у, уый тыххёй ёргомёй куы дзурой, ёмё йё Хуыцау мёрдтёй кёй райгас кодта, ууыл зёрдёйё куы ёууёндай, уёд фервёздзынё” (Ромёгтём 10:9). Ёрмёстдёр дзуарылтыгъд Чырыстийы уырнынад у ёнусон цардмё цёугё иунёг-иу фёндаг! “Хуыцауы хорзёх сымах фервёзын кодта уё уырнындзинады фёрцы. Уёхёдёг ницёмёй фесгуыхтыстут – уый нын Хуыцауы лёвар у; уё хъуыддёгтём гёсгё нё фервёзтыстут, ёмё йёхицёй мачи раппёлёд” (Эфесёгтём 2:8-9).

Кёд дё фёнды баууёндай Йесо Чырыстийыл, куыд Ирвёзынгёнёг, ис ахём арфё. Бахъуыды кён, ёмё ёрмёст ацы кёнё ёндёр арфёйы загъд дёуён нё баххуыс кёндзён. Ёрмёст Чырыстийы уырнынад бахиздзён дёу тёригъёдёй. Ацы арфё та ёрмёстдёр фёрёз дётты, цёмёй равдисём не ‘ууёнкдзинад Хуыцаумё, ёмё йын бузныг зёгъём нё фервёзын кёнынён. “Хуыцау, зонын ёй, ёмё тёригъёдджын дён дё разы ёмё мём кёй ёмбёлы ёфхёрд. Фёлё Йесо Чырысти айста ацы ёфхёрд ёмё мё уырнындзинадимё уымё мёнён хатыргонд цёуы. Бузныг дё хорздзинады ёмё хатырдзинады тыххёй – ёнусонцёрёнбоны лёвары тыххёй! ОММЕН!”

Райстай ёви нё уынаффё Йесойы пайдайён ам цы бакастё уымё гёсгё? Кёд ёмё уый афтё у, уёд дё курёг дён ёркъёпп кён дёлдёр лёвёрд кънопкёйыл “Ёз абон Йесойы уырнынад райстон”.

English



Раздёхын гуырдзиаг ёвзаджы райдайён фарсыл

фёнды уё Ёнусон цард?
© Copyright Got Questions Ministries